Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ сыл рувасы ӕрцахста, сӕ къӕдзилтӕй сӕ кӕрӕдзиуыл къӕйттӕй сбаста ӕмӕ алы къайыл дӕр фӕйнӕ цырагъы бабаста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:4
8 Iomraidhean Croise  

Уӕд Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Уартӕ мӕ хуымы фарсмӕ — Йоавы хъӕбӕрхоры хуым. Цӕугӕут ӕмӕ йыл зынг бафтаут». Авессаломы дӕлдӕртӕ уыцы хуымыл зынг бафтыдтой.


Ӕмӕ тас бацӕудзӕн адӕмы, дзурдзысты Хуыцауы хъуыддагыл, бамбардзысты — Уый Хуыцау сарӕзта.


Ӕдылы судзгӕ фӕттӕ куыд фехсы ӕмӕ мӕлӕт куыд тауы,


— Ӕрцахсут-ма нын рувӕсты ӕмӕ сӕ лӕппынты! Нӕ сӕндӕттӕ нын сафынц сӕ тӕккӕ дидинӕг ӕфтаугӕйӕ!


Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.


О, сафтид ис Сионы хох, хъӕддаг куыйтӕ йыл зилынц!


Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн».


Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты быдыртыл аскъӕрдта. Сӕ хосы мӕкъуылтӕ, мӕнӕуы хуымтӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ сой бӕлӕстӕ сын иууылдӕр басыгъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan