3 Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн».
Уӕд Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Уартӕ мӕ хуымы фарсмӕ — Йоавы хъӕбӕрхоры хуым. Цӕугӕут ӕмӕ йыл зынг бафтаут». Авессаломы дӕлдӕртӕ уыцы хуымыл зынг бафтыдтой.
Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?»
Уыцы заман израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар. Дунедарӕджы фӕндыд, цӕмӕй филистимӕгтӕ сӕхӕдӕг загъд ракъахой. Самсоны фыд ӕмӕ мад нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Дунедарӕгӕй кӕй рацыди, уый.
«Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йӕ уадзгӕ ныккодтай. Гъемӕ йӕ дӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радтон. Йӕ кӕстӕр хо ноджы рӕсугъддӕр у, кӕстӕры акӕн».
Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ сыл рувасы ӕрцахста, сӕ къӕдзилтӕй сӕ кӕрӕдзиуыл къӕйттӕй сбаста ӕмӕ алы къайыл дӕр фӕйнӕ цырагъы бабаста.