20 Филистимӕгты заман Самсон ссӕдз азы дӕргъы уыди Израилы фӕтӕг.
Дан, тӕрхоны лӕг дӕ адӕмӕн уыдзынӕ — Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуӕн.
Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.
Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕн. Йӕ сӕрыхъуынтӕ макуы алвынӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕни Хуыцауы назир. Уый Израилы филистимӕгтӕй ирвӕзын кӕнын райдайдзӕн».
Самсоны ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ Газӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ахастой. Баныгӕдтой йӕ Цора ӕмӕ Ештаолы астӕу, йӕ фыд Маноахы зӕппадзы. Самсон Израилы фӕтӕг уыди ссӕдз азы.
Фидыды Чырыны коймӕ Елиа йӕ бандонӕй кулдуары цур уӕлгоммӕ ахауди. Уыйадыл уӕззау зӕронд лӕгӕн йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амарди. Израилӕн дыууиссӕдз азы дӕргъы сӕ фӕтӕг уыд.