2 «Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йӕ уадзгӕ ныккодтай. Гъемӕ йӕ дӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радтон. Йӕ кӕстӕр хо ноджы рӕсугъддӕр у, кӕстӕры акӕн».
ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Тимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Тамары нӕ ракуырдтой.
Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.
Уӕд ус, цӕссыгкалгӕ, Самсонӕн загъта: «Нал мӕ уарзыс! Мӕ хӕстӕджытӕн мын уыци-уыци радзырдтай ӕмӕ йын йӕ дзуапп мӕнӕн дӕр нӕ дзурыс!» Самсон ын афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕн куы ницы схъӕр кодтон, уӕд ӕй дӕуӕн цӕмӕн хъуамӕ радзурон?»
Самсоны усы та йӕ сиахсӕмбӕлттӕй иуӕн радтой.
Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн».