16 Самсон загъта: «Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй ӕнӕнымӕц знӕгты ныццагътон, мин адӕймаджы хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон».
Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ хӕрӕджы ’фсӕр ныззыгъуытт кодта. Уыцы бынат та схуыдтой Рамат-Лехи.
Адӕм дӕр, Самсонмӕ кӕсгӕйӕ, кад кодтой сӕ хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын, нӕ зӕххытӕ нын чи сафтид кодта ӕмӕ нӕ бирӕты чи фӕмардта, уыцы знаджы нӕ къухмӕ радта».