15 Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.
Мӕнӕ Давиды ӕхсарджынтӕ номхуындӕй: тахкемонаг Иошев-Башевет. Ӕртӕйы хистӕр. Йӕ арцы бырынкъӕй астсӕдӕ знаджы ныццагъта.
Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут.
Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты.
пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ.
Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс.
Самсон загъта: «Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй ӕнӕнымӕц знӕгты ныццагътон, мин адӕймаджы хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон».
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ хӕрӕджы ’фсӕр ныззыгъуытт кодта. Уыцы бынат та схуыдтой Рамат-Лехи.
Ехуды фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Шамгар, Анаты фырт. Хуымӕтӕг галтӕрӕн уисӕй Шамгар амардта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы. Уый дӕр уыдис Израилы ирвӕзынгӕнӕг.
Хеверы ус Йаел райста дзӕбуг ӕмӕ цатыр фидаргӕнӕн мих, сабыргай Сисерамӕ бахъуызыд, мих ын йӕ къӕмисӕны ныссагъта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныххоста. Сисера фыр фӕлладӕй фынӕй уыд ӕмӕ уыцы ран амарди.
Гедеон йе ’ртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта, алкӕмӕ дӕр дзы радта сыкъауадындз ӕмӕ афтид хъуырауы ӕмбӕхст цырагъ.
Уыцы фыццаг тохы Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдар амардтой ссӕдз лӕджы бӕрц. Уый ӕрцыди, галты цӕд боны ӕрдӕгмӕ кӕй бахуым кӕны, уыйас зӕххы гӕппӕлыл.
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».