Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:12
7 Iomraidhean Croise  

Паддзах Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, ӕмӕ йӕ уый амардта.


Ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа ногӕй ацыд Йоавмӕ, амардта йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдта йӕ фыдыуӕзӕгыл, ӕдзӕрӕг ран.


Уыйадыл Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Иудейы бӕстыхицау Пилаты къухмӕ радтой.


Ӕнхъӕл уыди, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый йе ’фсымӕртӕ бамбардзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.


Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ».


Уыдон ын загътой: «Ницы дын кӕндзыстӕм, ӕрмӕстдӕр дӕ сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухтӕм ратдзыстӕм, маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм». Дыууӕ ног бӕндӕнӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ лӕгӕтӕй ракодтой.


Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan