Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 15:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 15:11
10 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Етамы фырттӕ: Изреел, Ишма ӕмӕ Идбаш, сӕ хо — Хацлелпони.


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат,


Уе ’хсӕн цы ’рцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдон уӕ цуры уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕндзысты, сымах та — дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр.


Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.


Уыцы заман израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар. Дунедарӕджы фӕндыд, цӕмӕй филистимӕгтӕ сӕхӕдӕг загъд ракъахой. Самсоны фыд ӕмӕ мад нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Дунедарӕгӕй кӕй рацыди, уый.


Иудейы цӕрджытӕ сӕ бафарстой: «Нӕ ныхмӕ хӕцын цӕмӕн сфӕнд кодтат?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах ӕрбацыдыстӕм Самсоны сбӕттынмӕ, нӕ маст райсынмӕ!»


Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan