10 Иудейы цӕрджытӕ сӕ бафарстой: «Нӕ ныхмӕ хӕцын цӕмӕн сфӕнд кодтат?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах ӕрбацыдыстӕм Самсоны сбӕттынмӕ, нӕ маст райсынмӕ!»
Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ».
Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди.
Филистимӕгтӕ Иудеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы рӕсӕнуат скодтой, Лехийы сахар бацахстой.
Давид та бафарста: «Кеилайы цӕрджытӕ мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр Саулы къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Ратдзысты».