Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 14:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Самсон ногӕй ӕрбацыди Тимнамӕ — чызджы курынмӕ. Фӕндагыл, цы домбайы амардта, уый фенынмӕ баздӕхти. Домбайы марды разынди мыд ӕмӕ бирӕ мыдыбындзытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 14:8
5 Iomraidhean Croise  

Йаков Лаванӕн загъта: «Мӕ усаджы мын ратт — ныр афон у, ӕмӕ йемӕ бацӕрон».


Мыд куы ссарай, уӕд дзы ӕрмӕст, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр; фырхӕрд дзы куы бакӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уыдзӕн.


Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у.


Самсон Тимнайы сахармӕ ӕрбацыд ӕмӕ, чызгимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр фӕцыди.


Самсон мыдӕй йӕ армы дзаг систа ӕмӕ дарддӕр хӕргӕ араст ис. Йӕ ныййарджыты куы баййӕфта, уӕд мыдӕй уыдонӕн дӕр авӕрдта, фӕлӕ сын, домбайы мардӕй йӕ кӕй систа, уый нӕ загъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan