7 Самсон Тимнайы сахармӕ ӕрбацыд ӕмӕ, чызгимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр фӕцыди.
Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Самсон ногӕй ӕрбацыди Тимнамӕ — чызджы курынмӕ. Фӕндагыл, цы домбайы амардта, уый фенынмӕ баздӕхти. Домбайы марды разынди мыд ӕмӕ бирӕ мыдыбындзытӕ.