Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 14:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Самсон йӕ ныййарджытимӕ Тимнайы сахармӕ ацыд. Сахары сӕндӕттӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Самсоны размӕ рыхгӕ иу лӕппын домбай разгъордта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 14:5
10 Iomraidhean Croise  

Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.


Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.


Рӕстгӕнӕг дыргъбӕласау дидинӕг калдзӕн, хӕрдмӕ фӕцӕудзӕни ливайнаг кедрау.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,


Баалайӕ фӕзылди ныгуылӕнӕрдӕм, Сеиры хӕхбӕстӕм, ӕрзылд Иаримы (ома Кесалоны) хохы цӕгатгӕрӕтты, ӕрхызти Бет-Шемешмӕ ӕмӕ ахызти Тимнайыл.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Уыцы заман израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар. Дунедарӕджы фӕндыд, цӕмӕй филистимӕгтӕ сӕхӕдӕг загъд ракъахой. Самсоны фыд ӕмӕ мад нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Дунедарӕгӕй кӕй рацыди, уый.


Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.


уӕд-иу ӕй ӕз асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй скъахтон. Йӕхи-иу мыл куы ӕрбаппӕрста, уӕд та йын-иу йӕ бинаг ӕфсӕрыл фӕхӕст дӕн, ӕрцӕфтӕ-иу ӕй кодтон ӕмӕ-иу ӕй ӕрбамардтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan