Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 14:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ус ӕнӕхъӕн авд боны, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ фӕкуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иу ран нал уагъта. Самсон дзы стыхсти ӕмӕ йын ӕвдӕм бон уыци-уыцийы дзуапп загъта, уый та йӕ радзырдта филистимӕгтӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 14:17
13 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Йӕ ус ын загъта: «Уыцы ӕнаиппӕй кӕдмӕ лӕудзынӕ? Хуыцауӕн ӕвзӕр зӕгъ ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»


Алыхуызон хинӕйдзаг митӕй йӕ асайдта, адджын ныхӕстӕй йӕ фӕрӕдийын кодта.


«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.


Зӕгъын уын: уӕ хӕлардзинад нымайгӕйӕ, уый уайтагъд куынӕ феста ӕмӕ уын уӕ къух куынӕ сараза, фӕлӕ йӕ сымах уӕддӕр куынӕ уадзат, уӕд иуафон сыстдзӕнис ӕмӕ уын ратдзӕн, цы дзы курут, уый.


Уӕд ус, цӕссыгкалгӕ, Самсонӕн загъта: «Нал мӕ уарзыс! Мӕ хӕстӕджытӕн мын уыци-уыци радзырдтай ӕмӕ йын йӕ дзуапп мӕнӕн дӕр нӕ дзурыс!» Самсон ын афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕн куы ницы схъӕр кодтон, уӕд ӕй дӕуӕн цӕмӕн хъуамӕ радзурон?»


Ӕвдӕм бон, хур нӕма аныгуылд, афтӕ сахары цӕрджытӕ Самсонӕн дзуапп радтой: «Цы ис мыдӕй адджындӕр? Чи у домбайӕ тыхджындӕр?» Самсон сын загъта: «Мӕ дыгӕрдыгыл мын куынӕ хуым кодтаиккат, уӕд мын мӕ уыци-уыци нӕ базыдтаиккат».


Далилӕ йын загъта: «Сайыс мӕ! Раст ныхас мын нӕ дзурыс! Цӕй-ма, схъӕр мын ӕй кӕн, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!» Самсон ын дзуапп радта: «Мӕ сӕрыхъуынтӕй мын авд дзыккуйы хъуымацы цӕхгӕрмӕ куы сбийай ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл куы ныххойай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн».


Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта.


Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan