Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 14:15
9 Iomraidhean Croise  

Цыбӕл дӕ кӕндзысты: «Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм, сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;


Искӕй усӕн йе ’взагӕй мыд тӕдзы, йӕ ныхӕстӕ сойӕ фӕлмӕндӕр сты,


Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.


Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.


Ефремы фӕдонтӕ ӕрӕмбырд сты, ӕрбацыдысты Цафоны сахармӕ ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммонӕгты ныхмӕ куы хӕцыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай? Уый тыххӕй дын дӕ хӕдзар демӕ басудздзыстӕм».


Самсон сын загъта: «Иннӕты чи хордта, уый йӕхӕдӕг сси хӕринаг, тыхджын сси адджын». Филистимӕгтӕ ӕртӕ боны фӕхъуыды кодтой, фӕлӕ уыци-уыци сӕ бон базонын нӕ уыди.


Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой.


Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan