11 Фысымтӕ йӕ ӕрбацӕугӕ куы федтой, уӕд ын фынгӕмбӕлттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз адӕймаджы ӕрбахуыдтой.
Йӕ ком ын чи байгом кӕндзӕн? Йӕ дӕндӕгты равӕрд тас ӕфтауы.
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.
Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.
Ӕмӕ мӕнӕ Самсоны фыд чызджы хӕдзармӕ бацыди. Усгур лӕппуты ’гъдаумӕ гӕсгӕ Самсон уым куывд скодта.
Самсон сын загъта: «Цӕй ӕмӕ уын уыци-уыци радзурон. Куывд авд боны фӕстӕ фӕуыдзӕнис, ӕмӕ йӕ кӕд уӕдмӕ базонат, уӕд уын ратдзынӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны гӕнӕй уафт хъуымацӕй, стӕй ма ноджыдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты.
Ауадысты ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Саул адӕмы ’хсӕн ӕрлӕууыд. Ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд.
Куы ’рбацыдысты, уӕд федта Йессейы фырт Елиавы ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Бӕгуыдӕр, Дунедарӕджы раз лӕууы Йӕ байсӕрст!»