Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 13:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уӕд Маноах Дунедарӕгмӕ скуывта: «Дунедарӕг! Хуыцауы минӕвары ма нӕм ногӕй ӕрӕрвит ӕмӕ нын, цы саби райгуырдзӕн, уымӕн цы кӕнгӕ у, уый бамбарын кӕна».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 13:8
8 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕбары кӕд истӕмӕй фӕрӕдыдтӕн, уӕд та мын ӕй бацамон, цӕмӕй амӕй фӕстӕмӕ мауал рӕдийон“.


Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».


Маноах уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ усы фӕдыл атындзыдта. Лӕджы размӕ бацыдис ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ бинойнагимӕ ныхас ды кодтай?» Уый йын дзуапп радта: «О, Ӕз».


Дунедарӕджы зӕд Маноахы усмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ды ӕнӕзӕнӕг дӕ, цот дын нӕй, фӕлӕ банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни.


Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕгмӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы минӕвар мӕм ӕрбацыд! Уый уыди Хуыцауы зӕды ӕнгӕс, стыр тас мыл бафтыдта йӕ уындӕй! Кӕцӕй ӕрцыди, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, стӕй мын Йӕ ном дӕр не схъӕр кодта.


Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».


Хуыцау Маноахы курдиат сӕххӕст кодта. Дунедарӕджы зӕд Маноахы бинойнагмӕ дыккаг хатт ӕргом рацыди. Уыцы рӕстӕг сылгоймаг бадти быдыры, Маноах йӕ разы нӕ уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan