Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй дӕхи нӕфӕтчиагӕй ма фӕхъӕстӕ кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 13:4
8 Iomraidhean Croise  

Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.


цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не ’мбӕлы, уыдонӕй.


уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.


Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон».


Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Дӕ бинойнаг, тобӕ йын цӕмӕй загътон, уыдӕттӕй йӕхи бахъахъхъӕнӕд:


сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд».


Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan