24 Сылгоймагӕн фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самсон. Лӕппу рӕзыди Дунедарӕджы арфӕимӕ.
Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.
Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.
Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
Дунедарӕг ӕркаст Аннӕмӕ, ӕмӕ та ус банхъӕлцау ис. Ныййардта ма ӕртӕ лӕппу ӕмӕ дыууӕ чызджы. Ныр ӕвзонг Самуел та хъомыл кодта Дунедарӕджы хӕдзары.
Ӕвзонг Самуел та куыд хъомыл кодта, афтӕ йыл тынгдӕр радысты Дунедарӕг ӕмӕ адӕм.
Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу.