Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 13:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 13:14
10 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ мын уыдон дзуапп радтой: «Мах сӕн нӕ нуазӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Рехавы фырт Йонадав афтӕ бафӕдзӕхста: „Нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр сӕн ма бануазӕнт.


«Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, назир суӕвыны тыххӕй сӕ исчи куы басомы кӕна, мӕхи Дунедарӕгӕн нывонд кӕнын, зӕгъгӕ,


Йӕ назир-бонты дӕргъы йын, сӕнӕфсирӕй конд цыдӕриддӕр хӕринаг ис, аппӕй цъары онг, уыдонӕй хӕрӕн ницы ис.


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Бардарӕджы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм.


Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй дӕхи нӕфӕтчиагӕй ма фӕхъӕстӕ кӕн.


Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan