12 Маноах та йӕ бафарста: «Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уыцы лӕппуйӕн куыд цӕргӕ уыдзӕн, цы хъуамӕ куса?»
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.
Лӕппуйӕн раст фӕндаг куы бацамонай, уӕд дзы зӕрондӕй дӕр иуварс нӕ фӕзилдзӕн.
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
Маноах уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ усы фӕдыл атындзыдта. Лӕджы размӕ бацыдис ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ бинойнагимӕ ныхас ды кодтай?» Уый йын дзуапп радта: «О, Ӕз».
Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Дӕ бинойнаг, тобӕ йын цӕмӕй загътон, уыдӕттӕй йӕхи бахъахъхъӕнӕд: