Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Галаадӕгтӕ йын-иу загътой: «Зӕгъ-ма уӕдӕ „шибболет“». Ефремонӕн-иу уыцы дзырд йӕ дзыхы нӕ бадти, ӕмӕ-иу «сибболет» загъта. Уӕд-иу ӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы донуайӕны раз амардтой. Уыцы заман ефремонтӕй амардӕуыд дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз минмӕ ’ввахс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 12:6
12 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн! О Дунедарӕг, фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ!


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Хӕлттӕ куы сӕппарай, уӕд хъаугъа банцайдзӕн, дыууӕ тыхджын ныхмӕлӕууӕджы фӕйнӕрдӕм ацӕудзысты.


Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны.


Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Йесо сын сӕ хъуыдытӕ зыдта ӕмӕ загъта: «Кӕцыфӕнды паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ куы сисой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; кӕцыфӕнды сахар кӕнӕ хӕдзар куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд уыцы сахар фесӕфдзӕн, хӕдзары дӕр бинонтӕн сӕ цард фехӕлдзӕн.


Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ — де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы».


Ӕмӕ та Петр уӕддӕр нӕ басасти. Чысыл фӕстӕдӕр, уым чи лӕууыд, уыдон ногӕй загътой Петрӕн: «Нӕ, ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ, уымӕн ӕмӕ галилейаг дӕ. [Де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы.]»


Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.


Галаадӕгтӕ Иорданы донуайӕнтӕ бацахстой. Чи аирвӕзт, уыцы ефремонтӕй-иу исчи доны фаллаг фарсмӕ бахизынмӕ куы хъавыд, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ефремон нӕ дӕ?» Уый-иу дзуапп радта: «Нӕ дӕн».


Йеффай Израилы фӕтӕг уыди ӕхсӕз азы. Уый фӕстӕ амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Галаады, йӕхи хъӕуы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan