Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 12:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уе ’ххуысмӕ уын ӕнхъӕлмӕ дзӕгъӕлы кӕсын, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕхӕдӕг, мӕ цардыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, аммонӕгты ныхмӕ схӕцыдтӕн. Дунедарӕг мын сӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр мемӕ хӕцынвӕнд цӕмӕн скодтат?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 12:3
11 Iomraidhean Croise  

Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Мӕхимӕ дӕндагӕй лӕбурын, мӕ къухы дарын мӕ уд.


Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Ӕз дӕу ницӕмӕй бафхӕрдтон, ды та мын аразыс фыдбылыз — мӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыдтӕ. Уӕдӕ ныр израилӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты хъаст Дунедарӕг — Тӕрхонгӕнӕг — равзарӕд Йӕхӕдӕг!»


Йеффай сын дзуапп радта: «Ӕз мӕ адӕмимӕ аммонӕгты ныхмӕ карз тохы куы бацыдтӕн, уӕд уӕм сидтӕн, фӕлӕ мын нӕ баххуыс кодтат.


Йеффай Галаады ӕппӕт цӕрджыты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ Ефремы ныхмӕ схӕцыди. Галаадӕгтӕ ефремонты ныццагътой. Уыдон хъӕр кодтой: «Ефремонтӕ — лидзджытӕ! Галаад Ефрем ӕмӕ Менассиайы астӕу ис!» Уыцы ныхӕстӕм галаадӕгтӕн сӕ маст ссыгъди пиллон артау ӕмӕ ефремонты ӕфсад ныццагътой.


Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста!


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


Сылгоймаг бацыди Саулмӕ ӕмӕ йӕ тынг тарстхуызӕй куы федта, уӕд ын загъта: «Кӕсыс, дӕ цагъар дӕм байхъуыста. Мӕ удӕн тас у, уый зонгӕйӕ, уӕддӕр сӕххӕст кодтон, цы мын загътай, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan