15 Уый фӕстӕ Хиллелы фырт Авдон амарди, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Пиратоны, Амалекы хӕхты, Ефремы зӕххыл.
Уырдыгӕй аздӕхтысты Ен-Мишпаты (ома Кадешы) ’рдӕм ӕмӕ ныддӕрӕн кодтой амалекӕгты бӕстӕ, стӕй Хацецон-Тамары цӕрӕг аморӕгты.
пиратонаг Бенайа; Хидай — Нахале-Гаашӕй;
Амалекӕгтӕ ӕрбабырстой Рефидиммӕ ӕмӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ.
Йӕ фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Хиллелы фырт Авдон, Пиратоны сахарӕй.
Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.
Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.
Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста.
Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд.
Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.
Саул амалекӕгты басаста, дӕрӕнгӕнгӕ сӕ йӕ разӕй айста Хавилайӕ суанг Мысыры ӕмарӕн Шуры онг.