Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ефремы фӕдонтӕ ӕрӕмбырд сты, ӕрбацыдысты Цафоны сахармӕ ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммонӕгты ныхмӕ куы хӕцыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай? Уый тыххӕй дын дӕ хӕдзар демӕ басудздзыстӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 12:1
14 Iomraidhean Croise  

Сомы ракодта Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Паддзахад куы ныддихтӕ уа, уӕд ын ӕнӕ фехӕлгӕ нӕй;


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»


Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.


алы аз дӕр чызджытӕ цыппар бонмӕ ацӕуынц хӕхтӕм ӕмӕ фӕкӕуынц галаадаг Йеффайы чызджы хъысмӕтыл.


Йеффай сын дзуапп радта: «Ӕз мӕ адӕмимӕ аммонӕгты ныхмӕ карз тохы куы бацыдтӕн, уӕд уӕм сидтӕн, фӕлӕ мын нӕ баххуыс кодтат.


Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?»


Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой.


Ефремы байзӕддӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Мидианӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?» Фыр мӕстӕй пиллон арт уагътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan