9 Йеффай загъта: «Хорз, ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ уӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕндзынӕн. Ӕмӕ мын кӕд Дунедарӕг уӕлахиз ратта, уӕд уӕ паддзах суыдзынӕн».
Галаады хистӕртӕ расомы кодтой: «Дунедарӕг не ’вдисӕн! Ард дын хӕрӕм, мах нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм».
Галаады хистӕртӕ йын загътой: «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй нӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕнай. Ды суыдзынӕ нӕ паддзах, ӕгас Галаады паддзах».