8 Галаады хистӕртӕ йын загътой: «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй нӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕнай. Ды суыдзынӕ нӕ паддзах, ӕгас Галаады паддзах».
Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».
Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»
Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».
Галаады хицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕна, уый Галаады хицау суыдзӕнис».
Йеффай загъта: «Хорз, ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ уӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕндзынӕн. Ӕмӕ мын кӕд Дунедарӕг уӕлахиз ратта, уӕд уӕ паддзах суыдзынӕн».