Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йеффай Галаады хистӕртӕн дзуапп радта: «Раздӕр уын ӕнӕуынон куы уыдтӕн, мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ куы ратардтат. Ныр фыдбылызы куы бахаудыстут, уӕд та мӕ ӕрцагуырдтат».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 11:7
8 Iomraidhean Croise  

Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?»


Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаелӕгтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл,


Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


ӕмӕ йын загътой: «Раздӕх ӕмӕ у нӕ фӕтӕг, аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ акӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan