Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Аммонӕгтӕ Израилы ныхмӕ куы схӕцыдысты, уӕд Галаады хистӕртӕ Йеффаймӕ Товы бӕстӕм ацыдысты

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 11:5
12 Iomraidhean Croise  

Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур. Цова ӕмӕ Реховы цӕрӕг арамейӕгтӕ ӕмӕ Тов ӕмӕ Маахайы ӕфсӕдтӕ та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты.


Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты,


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ израилӕгтӕм аммонӕгтӕ ӕрбабырстой.


ӕмӕ йын загътой: «Раздӕх ӕмӕ у нӕ фӕтӕг, аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ акӕн».


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Уӕд адӕм загътой Самуелӕн: «Чи дзырдта, Саул паддзахӕн нӕ бӕззы? Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan