Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 11:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 11:35
19 Iomraidhean Croise  

Паддзах ныккӕрзыдта, кулдуары сӕрмӕ цы уат уыди, уырдӕм ссыди ӕмӕ дзынӕзта: «Мӕ фырт Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт Авессалом! Ехх, уӕд та дӕ бӕсты мӕхӕдӕг куы амардаин, Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт!»


Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди.


Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис


Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.


Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм


Уыдон бацыдысты алчертӕм, стӕй адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыныл.


Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan