33 Аммонӕгты ссӕдз хъӕуы ныддӕрӕн кодта — Ароерӕй Миннит ӕмӕ Авел-Керамимы онг. Афтӕмӕй израилӕгтӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз сты.
Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах дӕр абырста сириӕгты бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕтты фӕдыл ӕмӕ сӕ саубыны дӕрӕн ныккодта.
Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.
Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Йеффай аммонӕгтӕм бабырста, ӕмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз радта.