3 Йеффай йе ’фсымӕртӕй алыгъд ӕмӕ Товы бӕстӕйы ӕрцарди. Уым ыл алы дзӕгъӕлдзутӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ иумӕ адӕмы стыгътой.
Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.
Аммонӕгтӕ рацыдысты ӕмӕ хӕстифтонгӕй ӕрлӕууыдысты сӕ сӕйраг сахары кулдуары цур. Цова ӕмӕ Реховы цӕрӕг арамейӕгтӕ ӕмӕ Тов ӕмӕ Маахайы ӕфсӕдтӕ та тыгъд быдыры хицӕнӕй лӕууыдысты.
Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.
Галаадӕн ма йӕ бинойнаг ӕндӕр фырттӕ дӕр ныййардта, ӕмӕ уыдон куы байрӕзтысты, уӕд Йеффайы сӕ хӕдзарӕй ратардтой ӕмӕ йын загътой: «Ды нӕ фыды бынтӕй ницы айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр мадӕй гуырд дӕ».
Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста.
Ӕрӕмбырд ӕм сты алы ӕфхӕрд, алы хӕсджын, алы зӕрдӕрыст адӕм, иу цыппарсӕдӕ лӕджы, ӕмӕ Давид сӕ раздзог сси.
Уыйадыл Давид йӕ адӕмимӕ, ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ, бацыди Маохы фырт Ахишмӕ, Гаты паддзахмӕ.