23 Афтӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыцы зӕххытӕ аморӕгтӕй байста ӕмӕ сӕ радта йӕ адӕмӕн, Израилӕн. Ӕмӕ нын сӕ ныр ды та байсынмӕ хъавыс?
Дӕуӕн та, де ’фсымӕртӕй уӕлдӕр кӕй уыдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕттын, аморӕгтӕй мӕ кард ӕмӕ фатӕй кӕй байстон, уыцы хохы фахс, Шехем».
Кӕс-ма, нӕ хорздзинад нын цӕмӕй фидынц, уымӕ. Фӕзындысты нӕм, цӕмӕй нӕ, Ды нын исбонӕн цы зӕхх радтай, уырдыгӕй фӕсурой.
Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.
Аморӕгты зӕххытӕ Арнонӕй Йавочы онг, стӕй ӕдзӕрӕг быдырӕй Иорданы онг сӕхи бакодтой.
Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты.