12 Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм фарстимӕ: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй? Мӕ зӕхмӕ мын хӕстмӕ цӕмӕн цӕуыс?»
Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де ’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс.
Ӕмӕ арвыста Израил лӕгтӕ Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:
Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?»
Кедемоты ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ, Хешбоны паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:
Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.
Аммонӕгты паддзах Йеффайы минӕвӕрттӕн дзуапп радта: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд мын мӕ зӕххытӕ Арнонӕй Йавок ӕмӕ Иорданы онг бацахстой. Ратт мын сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕмастӕй!»
Йеффай сын дзуапп радта: «Ӕз мӕ адӕмимӕ аммонӕгты ныхмӕ карз тохы куы бацыдтӕн, уӕд уӕм сидтӕн, фӕлӕ мын нӕ баххуыс кодтат.