1 Галаадаг Йеффай уыди домбай хӕстон. Йӕ фыд — Галаад, йӕ ныййарӕг мад — хӕтаг сылгоймаг.
Арамы паддзахы ӕфсады хицау Нееман уыди хъотырнизӕй рынчын. Ӕнӕуи номдзыд лӕг уыди, дзырддзӕугӕ лӕг, стӕй хъӕбатыр хӕстон. Уый фӕрцы Дунедарӕг Арамӕн лӕвӕрдта уӕлахизы амонд.
Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.
Галаады хицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕна, уый Галаады хицау суыдзӕнис».
Галаадӕн ма йӕ бинойнаг ӕндӕр фырттӕ дӕр ныййардта, ӕмӕ уыдон куы байрӕзтысты, уӕд Йеффайы сӕ хӕдзарӕй ратардтой ӕмӕ йын загътой: «Ды нӕ фыды бынтӕй ницы айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр мадӕй гуырд дӕ».
Дунедарӕджы зӕд ӕм ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, Дунедарӕг демӕ ис!»
Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.