Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 10:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 10:8
7 Iomraidhean Croise  

уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй тас куыд вӕййы, уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр уӕ азымы тыххӕй.


Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Иаир куы амарди, уӕд ӕй Камоны баныгӕдтой.


Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.


Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты,


Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan