7 Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.
Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой.
Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.
Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.
ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе ’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы.
Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.