Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 10:6
32 Iomraidhean Croise  

Афтӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕринаг дӕн, ӕмӕ Мӕныл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ райдыдтой кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ Кемошмӕ, моавӕгты хуыцаумӕ, стӕй Милкоммӕ, аммонӕгты хуыцаумӕ. Соломоны фыд Давидӕй хъауджыдӕр адон Мӕ фӕдыл нал цӕуынц, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттӕ нал кӕнынц, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын мӕ амындтытӕ нал ӕххӕст кӕнынц.


Соломон райдыдта кувын сидойнӕгты ус-хуыцау Астартӕмӕ ӕмӕ аммонӕгты ӕлгъаг Милкоммӕ.


Уыцы заман Соломон Йерусалимы скӕсӕнварс хохыл моаваг ӕлгъаг Кемошӕн ӕмӕ аммонаг ӕлгъаг Молохӕн скодта фӕйнӕ кувӕн къуыбыры.


Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой.


Ӕмӕ уыцы ран Хуыцау ӕрцӕрын кӕны, уымӕй размӕ сыдӕй чи марди, уыцы адӕмы. Ӕмӕ дзы уыдон сӕхицӕн саразынц сахартӕ,


Ныр дӕ худинаджы хъӕр айхъуысти, Сидон! Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар: «Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн, раст цыма арыны тухӕнтӕ не ’взӕрстон ӕмӕ цот нӕ ныййардтон; раст цыма не схастон лӕппутӕ ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».


Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.


Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!


Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.


Дӕ базайрӕгтӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодтой арамейӕгтӕ дӕр. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой ӕрвхуыз зынаргъ дуртӕ, сӕнт сырх хъуымӕцтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, кораллтӕ ӕмӕ лалтӕ.


Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,


ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.


Иаир куы амарди, уӕд ӕй Камоны баныгӕдтой.


Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты.


Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.


Филистимӕгты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагонӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ сӕхи бахъӕлдзӕг кӕнынмӕ. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны, не знаджы, нӕ къухмӕ радта»


Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.


Ехуд куы амарди, уӕд та израилӕгтӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой,


Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


сӕ хуыцау Дагоны кувӕндонмӕ ахастой ӕмӕ йӕ уым Дагоны фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan