18 Галаады хицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕна, уый Галаады хицау суыдзӕнис».
Иу дӕр нал баззайдзӕн Едомы уӕздӕттӕй, йе ’лдӕрттӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.
Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»
Аммонӕгтӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады рӕсӕнуат скодтой. Израилӕгты рӕсӕнуат та уыди Мицпамӕ хӕстӕг.
Галаадаг Йеффай уыди домбай хӕстон. Йӕ фыд — Галаад, йӕ ныййарӕг мад — хӕтаг сылгоймаг.
Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ израилӕгтӕм аммонӕгтӕ ӕрбабырстой.
Йеффай Израилы фӕтӕг уыди ӕхсӕз азы. Уый фӕстӕ амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Галаады, йӕхи хъӕуы.
Дзырдтой: «Уынут, размӕ чи рацыд, уыцы лӕджы? Израилӕн фидистӕ кӕны. Чи йӕ амарид, уымӕн паддзах балӕвар кӕнид бирӕ исбон ӕмӕ йын раттид йӕ чызджы, стӕй йын йӕ бинонты суӕгъд кӕнид хъалон фидынӕй».