13 Фӕлӕ та-иу Мӕ сымах ныууагътат ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтат. Уый тыххӕй уӕ Ӕз дӕр нал ирвӕзын кӕндзынӕн.
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“».
ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.
Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!»
Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.
Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл.