11 Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ,
Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой,
Ӕмӕ йын амардтой йӕхи, йӕ фыртты ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нал ныууагътой, ӕмӕ йын йӕ зӕхх сӕхи бакодтой.
Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты.
Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.
Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой.
Ехуды фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Шамгар, Анаты фырт. Хуымӕтӕг галтӕрӕн уисӕй Шамгар амардта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы. Уый дӕр уыдис Израилы ирвӕзынгӕнӕг.
Йаков йӕ фырттимӕ Мысырмӕ куы ацыд ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ мысырӕгты къухӕй ӕфхӕрд куы баййӕфтой, уӕд уыдон Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ Дунедарӕг рарвыста Моисей ӕмӕ Аароны. Уыдон уын уӕ фыдӕлты Мысырӕй ракодтой ӕмӕ сӕ мӕнӕ ацы зӕххыл ӕрцӕрын кодтой.