9 Уый фӕстӕ хӕхты, Негев ӕмӕ Шефелайы чи цард, уыцы ханаанӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ ацыдысты.
Стӕй уырдыгӕй сыстад ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндаг хуссарӕрдӕм адардта.
Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ
Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта.
Ноджы ма сыл байуӕрста хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты зӕххытӕ уӕлхохы ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстыл, Шефелайы, Иорданы дӕлвӕзы, Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Негевы. Мӕнӕ сӕ паддзӕхтӕ:
Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой.