34 Даны фӕдонты аморӕгтӕ хӕхты ’рдӕм ассӕстой ӕмӕ сӕ дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуын нӕ уагътой, Данӕн та йӕ зӕххы хай дӕлвӕзы уыди.
Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.
Неффалимы байзӕддӕгтӕ дӕр Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты сахартӕ нӕ бацахстой ӕмӕ, уыцы ран цы ханаанӕгтӕ цардис, уыдоны ’хсӕн ӕрцардысты. Фӕлӕ сын Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты цӕрджытӕ хъалон фыстой.
Аморӕгтӕ Хар-Херес, Айалон ӕмӕ Шаалвимы цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ Йосефы байзӕддӕгтӕ, куы стыхджын сты, уӕд аморӕгтӕй хъалон исын райдыдтой.
Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты ’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд.