30 Зевулоны байзӕддӕгтӕ Китрон ӕмӕ Нахалолы сахартӕ нӕ басастой. Ханаанӕгтӕ Зевулоны зӕххы хайыл цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ сын хъалон фыстой.
Уый федта, йӕ улӕфӕн бынат куыд хорз у, бӕллиццаг кӕй у уыцы зӕхх, ӕмӕ йе уӕхск бадардта уаргъмӕ — цагъары куыстыл сразы ис.
Зевулоны зӕххытӕм хаудтой Каттат, Нахалал, Шимрон, Идала ӕмӕ Вифлеем. Ӕдӕппӕт дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.
Ефремы фӕдонтӕ нӕ фӕуӕлахиз сты Гезеры цӕрӕг ханаанӕгтыл. Ханаанӕгтӕ Гезеры, Ефремы зӕххы хайыл, цӕргӕйӕ баззадысты.
Асиры байзӕддӕгтӕ Ако, Сидон, Ахлав, Ахзив, Хелба, Афик ӕмӕ Реховы цӕрджытыл нӕ фӕуӕлахиз сты.