Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3-4 Уӕд Иудӕйы фӕдонтӕ се ’фсымӕртӕн, Симеоны байзӕддӕгтӕн, загътой: «Цомут немӕ, нӕ зӕххы хай байсынмӕ нын баххуыс кӕнут, ханаанӕгты ныхмӕ немӕ хӕстмӕ рацӕут. Мах дӕр уемӕ ацӕудзыстӕм уӕ зӕххы хай байсынмӕ». Ӕмӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ ацыдысты семӕ. Иудӕйы фӕдонтӕ араст сты балцы. Дунедарӕг сын радта уӕлахиз, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты басастой, Безекы сахары дӕс мин лӕджы амардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:3
7 Iomraidhean Croise  

Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон.


Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн.


Дыккаг схаудта Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыдис Иудӕйы байзӕддаджы зӕххыты ’хсӕн.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Симеоны фӕдонтӕ, Цефаты цы ханаанӕгтӕ царди, уыдоны ныхмӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныццагътой. Сахар ӕлгъыстаг фӕкодтой ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой. Уӕдӕй нырмӕ сахары ном хуыйны Хорма.


Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕз сын ацы зӕхх сӕ къухмӕ дӕттын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan