29 Ефремы фӕдонтӕ нӕ фӕуӕлахиз сты Гезеры цӕрӕг ханаанӕгтыл. Ханаанӕгтӕ Гезеры, Ефремы зӕххы хайыл, цӕргӕйӕ баззадысты.
Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер.
Мысыры паддзах фараон уымӕй размӕ Гезеры сахармӕ ӕрбабырста ӕмӕ йӕ арты амӕттаг бакодта. Йӕ цӕрджыты йын, ханаанӕгты, ныццагъта ӕмӕ фӕстӕдӕр сахар чындзы дзаумайӕн балӕвар кодта йӕ чызгӕн, Соломоны усӕн.
Ӕмӕ уӕд Лахишӕн ӕххуысмӕ ӕрбацыди Гезеры паддзах Хорам, фӕлӕ йын Йешуа йӕхи дӕр амардта ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр ныццагъта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта.
Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се ’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы.
Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой.
Зевулоны байзӕддӕгтӕ Китрон ӕмӕ Нахалолы сахартӕ нӕ басастой. Ханаанӕгтӕ Зевулоны зӕххы хайыл цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ сын хъалон фыстой.