28 Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой.
ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан! Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»
Загъта ма: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Симы Хуыцау! Ханаан йӕ цагъар суӕд Симӕн!
Кусаг къух хицауиуӕг кӕндзӕн, магусатӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы бегара.
Кӕд уӕ фӕндоныл сразы уой ӕмӕ уын сахары дуӕрттӕ бакӕной, уӕд уын, цыдӕриддӕр дзы цӕрджытӕ ис, уыдон сегас дӕр хъалон фиддзысты ӕмӕ уӕ цагъартӕ уыдзысты.
Фӕстӕдӕр та израилӕгтӕ сӕ тыхы куы бацыдысты, уӕд ханаанӕгтӕй цагъайрӕгтӕ скодтой, фӕлӕ сӕ нӕ фӕсырдтой.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.
Ефремы фӕдонтӕ нӕ фӕуӕлахиз сты Гезеры цӕрӕг ханаанӕгтыл. Ханаанӕгтӕ Гезеры, Ефремы зӕххы хайыл, цӕргӕйӕ баззадысты.
Уыцы бон израилӕгтӕ тынг бастадысты, фӕлӕ Саул басомы кодта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, изӕрмӕ къӕбӕры хъӕстӕ чи фӕуа, уый! Хъуамӕ уал раздӕр ме знӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕмӕ адӕмӕй хойраг йӕ дзыхмӕ ничи схаста.