Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:27
16 Iomraidhean Croise  

Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.


Ныр иудейаг паддзах Ахазиа та фӕцӕйлыгъди Бет-Ганы ’рдӕм. Фӕлӕ йӕ Йегу фӕсте асырдта ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Уый дӕр амарут йӕ уӕрдоны!» Хабар ӕрцыди Гуры бӕрзӕндыл, Ивлеамы сахармӕ ӕввахс. Ахазиа ма Мегиддойы сахармӕ баирвӕзт ӕмӕ уым амард.


Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд.


Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй сын радтой Таанах йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гат-Риммон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары.


Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»


Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.


Уый ацыди хеттӕгты зӕхмӕ ӕмӕ уым сахар сарӕзта, схуыдта йӕ Луз. Уыцы сахар абоны онг дӕр афтӕ хуыйны.


Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой.


Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ! Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ, Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ, фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!


Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой.


Саулы хотыхтӕ Астартӕйы кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ мард та йын Бет-Шеаны сисыл ӕрцауыгътой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan