Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уый ацыди хеттӕгты зӕхмӕ ӕмӕ уым сахар сарӕзта, схуыдта йӕ Луз. Уыцы сахар абоны онг дӕр афтӕ хуыйны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:26
4 Iomraidhean Croise  

Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».


Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй. Иу уӕрдонӕн йӕ аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхӕн та — сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу дзы уый фӕстӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕн дӕр ауӕй кодтой.


Лӕг сын, кӕуылты бахъуызой, уый бацамыдта, ӕмӕ сахар ныддӕрӕн кодтой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой. Уыцы лӕджы та йе ’ппӕт мыггагимӕ ауагътой.


Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan