22 Йосефы фӕдонтӕ Вефилмӕ хӕстмӕ ацыдысты. Дунедарӕг уыди семӕ.
Фӕлӕ йӕ фат ӕмӕ йе ’рдын ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фесты, йӕ цонджы хъаруйыл ын бафтыдта Йаковы Хъомысджын Хуыцау. Уый фӕрцы сдӕ Израилӕн йӕ фыййау, йӕ ныфсы мӕсыг ды.
Ӕмӕ Дунедарӕг дӕр аудыдта Езекиайыл, ӕмӕ уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Ассирийы паддзахӕн нал уисӕн кодта, нал ын кодта лӕггад.
Менассиайы байзӕддӕгты къухы уыдысты: Бет-Шеан, Таанах, Мегиддо ӕмӕ Дор сӕ алыварс хъӕутимӕ. Уыцы рӕтты цардысты Израилы фырт Йосефы байзӕддӕгтӕ.
Йосефы байзӕддӕгтӕй: Ефремы мыггагӕй — Елишама, Аммиуды фырт; Менассиайы мыггагӕй — Гамлиел, Педацуры фырт;
Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.)
Гайы цӕгатварс рӕсӕнуат скодтой, сахарӕй се ’хсӕн уыди дӕлвӕз. Фондз мин лӕджы бӕрц асадӕны равӕрдта Вефилӕй Гайы ӕхсӕн, сахары ныгуылӕнварс.
Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Йосефы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл.
Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ.
Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.
Йосефы байзӕддӕгтӕ Вефилы сахармӕ дардӕй сӕ цӕст дардтой. Уыцы сахар раздӕр Луз хуынди.