21 Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.
ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,
Давид ӕппӕт израилӕгтимӕ ахӕцыди Йерусалиммӕ (ома Йевусмӕ). Уӕд уым йевусӕгтӕ цардысты.
Адон уыдысты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ цардысты Йерусалимы.
йӕ цӕрджыты ӕнӕраст миты тыххӕй цӕхбын фесты бӕзнаг мӕр.
Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.
Йосефы фӕдонтӕ Вефилмӕ хӕстмӕ ацыдысты. Дунедарӕг уыди семӕ.
Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.
Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой.